Зынаргъ æмбæстæгтæ!
Æрвыл аз, ацафон, ирон адæм табу кæнынц Сыгъдæг Уастырджыйæн, хонæм æй Уастырджымæ кувæн къуыри. Стыр Хуыцауы фæстæ хатæм Сыгъдæг Уастырджыйы сыгъдæг тыхмæ. Фыдæлтæй фæстæмæ йыл æфтауæм не ууæнк, фæдзæхсæм ын нæлгоймæгты, бæлццæтты, низæфхæрд адæмы, фыдбылызы бахауджыты, æвæрæз адæмы. Нымайæм æй нæ ирвæзынгæнæгыл. Ныр дæр æм не скуывд у, цæмæй нын радта сабырад, нæ лæппутæй сæрмагонд хæстон операцийы чи тох кæны, уыдонæн ма бауадза фæцудын сæ хъару æмæ фидардзинад, хъахъхæна сæ фыдбылызæй, йæ сыгъдæг тых сæ рæстырдæм цы здаха. Тагъд рæстæджы сæрыгасæй уæлахизхæссæг цы фæуой, уый амонд сын схæлар кæнæт. Дзырдæуы, зæгъгæ, чындзæхсæв чи скæны ацы къуыри, уыдон фæцæрынц амондджынæй. Уæдæ йæм фехъуысæт алкæй куывдтытæ дæр æмæ уæ алкæй хæдзар дæр фæрнæйдзаг æмæ бæркадджын уæт! Ирыстоны чи нæ цæры, фæлæ нæ ирон традицитæ чи нымайы, удæй дæр æмæ зæрдæйæ дæр æппыныдзух немæ чи ис, нæ циндзинад æмæ нæ рыст иумæйаг кæимæ у, уыдоны дæр Сыгъдæг Уастырджы йæ рахис базыры бын бакæнæт.
Алы аз дæр уыл хорз æмæ амондджын бæрæгбонтæ цæуæт æмæ уын Сыгъдæг Уастырджыйы уæ бинонты нæлгоймагдыхæй макуы сцух кæнæт!
