Зынаргъ хæлæрттæ!
Абон дунейы бирæ рæстдинон адæмтæ нысан кæнынц сыгъдæг æмæ райдзаст бæрæгбон – Мады Майрæмы райгуырæн бон.
Нæ адæм уæлдай хъармзæрдæдæр ахаст дарынц ацы бонмæ. Нæ бæстæйы хъысмæтæвзарæн дуджы Мады Майрæмы ныфс никуы сæфт нæ удты. Фæдзæхстам ын нæ Ирыстоны, нæ адæмы æмæ йын æмхуызонæй æнкъардтам йæ æххуыс. Йæ символикон нысан у иудзинад, фæразондзинад, уарзондзинад, бинонты хъармдзинад. Фыдæлтæ ма ацы бон бастой фæззыгон тыллæджы бафснайдимæ дæр. Кæрæдзиимæ рæдауæй дих кодтой сæ хойраг, бузныг дзырдтой Мады Майрæмæн, куывтой йæм æмæ йæм хатыдысты, цæмæй сæ фæллой хæдзарылхæцгæ уа.
Абоны онг ын сæхи фæдзæхсынц æнæцот бинонтæ дæр, цæмæй сæ йæ хорзæхæй схайджын кæна. Уæдæ, уадз æмæ Мады Майрæмы сыгъдæг тых кæддæриддæр уæвынад кæнæт нæ иумæйаг Ирыстоны, нæ фæрныг хæдзæртты. Æнæфыдбылыз цы уæм, сабырады фæллой кæнын цы фæразæм æмæ нæ æнгомдзинады рæхыс цы никуы аскъуыйа.
Мады Майрæмы хорзæх !
