Мæргъиты Алан раарфӕ кодта Плиты Гацырӕн йӕ райгуырæн боны цытæн

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сæрдар Мæргъиты Алан раарфӕ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты ирон литературæйы историйы кафедрайы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацырӕн йӕ райгуырæн боны цытæн.

 

"Цытджын Гацыр Гаврилы фырт!

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ дын мæхи номæй арфæ кæнын дæ райгуырæн боны цытæн.

  Дæ цард æнæхъæнæй снывонд кодтай дæ уарзон Ирыстонæн. Куыд райгуырæн бæстæйы æцæг патриот, зынгæ ахуыргонд æмæ литературæиртасæг, бирæнымæц чингуыты автор, ды бахастай стыр хайбавæрд ирон æвзаг æмæ литературæйы рæзтмæ. Куырыхон æмæ фæлтæрдджын зондамонæг уæвгæйæ, ды стыр тыхтæ бавæрдтай рæзгæ фæлтæрты ахуыр-хъомыладон процессы, æвзонг специалисттæ цæттæ кæныны хъуыддаджы, цайдагъ сæ кодтай мадæлон æвзаг, национ культурæ æмæ традицитæм уарзон æмæ кад кæныны арфæйаг миниуджытыл.  

Нæ Республикæйы разамынад æмæ зонадон æхсæнад стыр аргъ кæнынц дæ æнтыстытæн публицистикæйы, зонадон куысты. Стыр кады бынаты ис дæ сæрмагонд хайбавæрд нæ Республикæйы уæлдæр ахуырад рæзын кæныны фæдыздæхæны, дæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны уæлдæр скъолайы кадджын кусæг» - ы хорзæхы хицау. 

 Зæрдæбынæй дын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, бирæ цæрæнбонтæ, фæрныгад, æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ".