РХИ Парламенты сӕрдар Мӕргьиты Аланы арфӕ Битарты Зояйӕн

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сæрдар Мæргъиты Алан раарфӕ кодта паддзахадон университеты ирон æвзаджы кафедрайы профессор, филологон зонæдты кандидат Битарти Зояйӕн йӕ райгуырæн боны цытæн.

 

"Зынаргъ Зоя Александры чызг!

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ мæхи номæй дын арфæ кæнын дæ райгуырæн боны цытæн.

Дæ профессионализм, куыстуарзондзинад, арф зонындзинæдтæ æмæ сфæлдыстадон ахаст, дæ куырыхондзинад æмæ удыгъæды рæсугъддзинад æвзæрын кæнынц дæ алыварс чи ис, уыдонмæ стыр кады æнкъарæнтæ. 

Куыд райгуырæн бæстæйы патриот, ахуыргонд, ахуыргæнæг æмæ зынгæ æхсæнадон архайæг, ды бахастай стыр хайбавæрд ирон æвзаджы рæзтмæ æмæ удварны æгъдауæй рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ, кæцытæ араздзысты Ирыстоны фидæн. Куыд æхсæнадон змæлд «Адæмон Ныхас»-ы активон архайæг æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты фыццаг æрсидты депутат, афтæ ды æнувыдæй хъахъхъæдтай нæ адæмы бартæ, бæрæг тыхтæ æмæ зонындзинæдтæ снывонд кодтай нæ паддзахад æмæ закъондæттынадон базайы рæзтæн.

Зæрдæбынæй дын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, бирæ цæрæнбонтæ, фæрныгад, æппæт хорздзинæдтæ".