Зынаргъ æмбæстæгтæ!
Абон у нæ национ хиæмбарынады сæйраг атрибут – Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон! Ацы нысаниуæгджын бон нæ къæлиндартæм хаст æрцыд 2003 азы, æмæ снысангонд æрцыд «Ирон фæндыр»ы рауагъды боны цытмæ - 15 май 1899 аз. Ацы рахæсгæ фæнд банымайæн ис стыр хъæуæг хъуыддагыл, уæлдайдæр ныры дуджы.
Нæ адæмæн кæддæриддæр æцæг ирон лæджы стыр дæнцæг уыдзæн Хетæгкаты Къоста. Уый уыд ирон литературæ æмæ ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг. Къоста сидт йæ раттæг адæммæ æнувыдæй уарзын æмæ арф ахуыр кæнын мадæлон æвзаг, йæ истори. Нымадта йæ нацийы интеллектуалон æмæ монон рæзты сæйраг домæныл. Гениалон гуырд зыдта - ирон ныхас цы артдзæсты хъуыса, уым кæддæриддæр бæрзонд бынаты уыдзысты ирон культурæ, ирон традицитæ æмæ фыдæлты фарн, нæ мадæлон æвзаг уыдзæн нæ ивгъуыд æмæ нын нæ фидæн кæрæдзийыл чи бæтта , ахæм æндон рæхыс.
«Хъуамæ алчидæр æмбара: æвзаджы фесæфт у адæмы фесæфт. Нæй æвзаг – нæй адæм» - фыста йæхирдыгæй зынгæ ахуыргонд Абайты Васо дæр. Цы адæймаг иттæг хорз зоны йæ мадæлон æвзаг, йæ традицитæ, уый кæцы фæнды æхсæнадæн дæр у рæгъæймаг. Абон мах хæсджын стæм ма фæкъахыр кæнæм уыцы зонынджын бацамындтытæ æмæ сæ сæрбæрзондæй адæттæм дарддæр – фидæны фæлтæртæм.
Арфæ кæнын алкæцы ирон адæймагæн дæр абоны нысаниуæгджын боны цытæн, æмæ ма ирондзинадимæ йæхи чи бæтты, йæ бахъахъхæнын, райрæзын кæныны хъуыддагмæ йæ хайбавæрд чи хæссы, уыдонæн дæр.
Стыр бузныг уын!
Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сæрдар Мæргъиты Алан
