"Нæ цæугæ мæсыг" æнустæм цæрдзæн нæ зæрдæты - Мæргъиты Алан

Зынаргъ ирон адæм ! 

Абон нæ гениалон Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл æххæст кæны 166 азы. Фидарæй зæгъæн ис ,нырма дыккаг ахæм гуырд йæ раттæг ирон адæмæн цард кæй нæ фенын кодта. Фæлтæрæй фæлтæрмæ сæрыстыр стæм Къостайы номæй, йæ кад æмæ намысæй. Цы æгæрон хъæздыг æмæ бæркадджын сфæлдыстад нын ныууагъта, уый нын абоны онг у стыр лæвар. Цæвиттон , алкæцы дуг, алкæцы заман дæр развæлгъау уыдта, уыйау йæ «Ирон фæндыр» ссис рухстауæн æмæ цардамонæн хæзна, æмдзу кæны цардивæнтимæ æмæ нæ сафы йæ актуалондзинад. 

«Нæ цæугæ мæсыг» æнустæм цæрдзæн нæ зæрдæты . Кад æмæ йын цыт кæндзыстæм йæ номæн, æххæст ын кæндзыстæм йæ фæдзæхстытæ , йæ бацамындтытæ.  

 Иумæйагæй мæ фæнды раарфæ кæнын нæ адæмæн абоны цытæн. Къостайы бæллиц уыд йæ адæмы сæрибар, цардифтонг æмæ фæрнджынæй уынын æмæ ацы фæндагæй цы никуы фæцудæм , ахæм арфæ нæ уæд!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сæрдар Мæргъиты Алан