Зынаргъ ирон адӕм!
Абон нысан кӕнӕм нӕ фыдӕлтӕ стыр кадимӕ цы бӕрӕгбӕттыл ӕмбӕлдысты, уыдонӕй иу - Хетӕджы Уастырджыйы бон. Уый у сабырдзинад, хӕлардзинад, адӕмты ӕхсӕн фидыдад хӕссӕг тых. Уымӕ гӕсгӕ йын рагӕй фӕстӕмӕ табу кӕнынц бирӕнымӕц нациты минӕвӕрттӕ дӕр сӕ динуырнынадмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ.
Уадз ацы стыр Зӕд дунемӕ ӕрхӕссӕд амондджын цард! Сӕ бинонтыл сӕрӕгасӕй сӕмбӕлӕт рухс фидӕны сӕрвӕлтау чи тох кӕны, уыцы лӕппутӕ.
Нӕ кадджын хистӕртӕ абон Ирыстоны хӕрзӕбонӕн цы зӕрдӕбын куывдтытӕ ракӕной, уыдоны стыр фарн уӕт ӕмӕ дунескӕнӕг Хуыцаумӕ фехъуысӕт!