Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сæрдар Мæргъиты Алан раарфӕ кодта филолог зонӕдты кандидат, профессор Плиты Гацырӕн йӕ 90-азон юбилейы цытӕн.
"Зынаргь Гацыр Гаврилы фырт!
Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ дын мæхи номæй зæрдæбын арфæ кæнын дæ 90 азы юбилейы цытæн!
Дæ царды зынгæ хай снывонд кодтай ирон æвзаг æмæ литературæйы рæзтæн, зонадон архайдæн, рæзгæ фæлтæрты ирон традицитæ æмæ Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинадыл цайдагъ кæнынæн. Дæ ахæм уникалон гоймаг, кæцы у патриотизм, куыстуарзондзинад, энерги æмæ фыдæлтæй баззайгæ хъæздыг удварн хæссæг. Æнæаргъ у де стыр хайбавæрд ирон литературæйы, иртасæн архайды.
Ныфс мæ ис, дæ æнувыд куыст национ культурæ, ахуырад æмæ зонады сæраппонд, дарддæр дæр кæй ахъаз кæндзæн ирон æвзаг, литературæ æмæ традициты размæцыдæн.
Ацы нысаниуæгджын бон дын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй, зынаргь Гацыр Гаврилы фырт, уай æнæниз æмæ цардифтонг. Ирыстоны сæраппонд дын дарддæр дæр бирæ æнтыстытæ уæт".