Хубежты Руслан раарфæ кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы боны фæдыл

 

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын ирон æвзаг æмæ литературæйы боны фæдыл! Ацы бæрæгбон ирд æвдисæн у, алкæцы адæймаджы царды дæр мадæлон æвзагæн цы стыр ахадындзинад ис, уымæн. 
Ацы нысаниуæгджын бæрæгбон фидаргонд æрцыд 2003 азы Хетæгкаты Къостайы æвæджиауы "Ирон фæндыр" рухсмæ 1899 азы 15 майы кæй фæзынд, уый тыххæй. Уæдæй фæстæмæ йæ æрвылаз дæр нысан кæнæм уæрæхæй, Ирыстонæн æддейæ дæр. 
Ирон æвзаг æмæ йæ бындурыл нывæст литературæ у, адæмы фидæны фæлтæртæн бахъахъхъæнын кæй хъæуы, ахæм хæзна. Æмæ ацы хъуыддаджы æрмæст паддзахады архайд нæ, фæлæ хъæуы æхсæнады февнæлд дæр. Æрмæстдæр иумæйаг хъаруты фæрцы нæ къухы бафтдзæн нæ мадæлон æвзаджы авналæнтæ фæуæрæхдæр кæнын, нæ национ литературæ æмæ адæмон сфæлдыстады хæзнатæ ахуыр кæныны хъуыддаг фæхъомысджындæр кæнын.
Ирон æвзагыл фæлдыстой сæ æнæмæлгæ уацмыстæ адæмон кадæггæнджытæ, фыццаг ирон поэт Мамсыраты Темырболат, ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста, ирон адæмы рухстауджытæ.
Мæ зæрдæ уын зæгъы, зынаргъ æмзæххонтæ, сабырад, амонд æмæ монон хъæздыгдзинад! Уадз æмæ алы ирон хæдзары дæр æлдариуæг кæнæд æнæниздзинад æмæ фæрныгад.
Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Парламенты национ политикæ, культурæ, дин æмæ дзыллон информацион фæрæзты фæдыл комитеты сæрдар Хубежты Руслан