Хубежты Руслан раарфæ кодта газет "Республика"- йы коллективæн йæ 30 азы юбилейы тыххæй

 

Ӕртын азы размæ нæ республикæйы рацыд фыццаг номыр газет "Молодежь Осетии", ныры "Республика"- йæн. Арфæ кæнын газет "Республика"-йы коллективæн. Газет йæ фыццаг номырæй фæстæмæ РХИ-йы дзыллон информацион фæрæзты 'хсæн æрцахста сæрмагонд бынат. Кæсынц æй куыд хистæр кары адæм, афтæ фæсивæд æмæ сывæллæттæ дæр. Газеткæсджытæ æнæрхъæцæй фенхъæлмæ кæсынц йæ радон номыры рацыдмæ. 
Газеты коллективæн мæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ, фидар æнæниздзинад æмæ бирæ газеткæсджытæ! Алыхатт дæр цин æмæ фарны хабæрттæ хæссæг ут!

Парламенты Национ политикæ, культурæ, дин æмæ дзыллон информацион фæрæзты фæдыл комитеты сæрдар Хубежты Руслан