Хуссар Ирыстоны зынтæй разындзæн ахæм хæдзар, кæм нæ кæсынц газет «Хурзæрин» - Мæргъиты Алан

Зынаргъ Ирина Алиханы чызг

æмæ газет «Хурзæрин»-ы коллектив!

Хуссар Ирыстоны æхсæнадон-политикон газет «Хурзæрин»-ыл ацы аз сæххæст ис 100 азы. Йæ фыццаг номыр рацыд 1 январы 1924 азы. Куыд зонæм, афтæмæй йæ редколлегимæ бацыдысты Плиты Арон, Коцойты Арсен, Гасситы Николай æмæ Гаглойты Мухтар. Уæды хуссарирыстойнаг æхсæнады ирддæр минæвæрттæ – фысджытæ, ахуыргæнджытæ, дохтыртæ, культурæйы архайджытæ тынг архайдтой газетимæ æмгуысткæныныл. «Хурзæрин» йæ размæцыды фæндагыл цалдæр хатт аивта йæ ном: 1931 азы хуынд «Коммунист», стæй 1954 азы та ссис «Советон Ирыстон». Æрмæст æм 90-æм æзты æрыздæхт фæстæмæ йæ ном – «Хурзæрин». Ацы архæйдтытæ бынтондæр нæ бахъыгдæрдтой йæ популярондзинадæн, газеткæсджыты æхсæн ын уыд тынг стыр æнтыст.

1973 азы газет «Хурзæрин»-ы схорзæхджын кодтой «Кады нысан»-æй, 2014 азы та Республикæ Хуссар Ирыстоны бæрзонддæр хорзæх – Кады Орденæй, кæцы дзурæг у газеты кад æмæ размæцыд бæрзонд æмвæзадыл кæй ис, ууыл. Газет ма бынтон æрæджы ссис Къостайы премийы лауреат дæр.  Мæнмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны зынтæй разындзæн ахæм хæдзар, кæм нæ кæсынц «Хурзæрин». Стыр кад ын ис нæ газеткæсджыты æхсæн.

Зæрдæбынæй мæ фæнды раарфæ кæнын газеты коллектив æмæ газеткæсджытæн йæ сæдæ азы юбилейы фæдыл. Уадз æмæ газеты фæрстæй алыхатт дæр хъуыса хорз хабæрттæ æмæ йæ коллективæн та мæ зæрдæ зæгъы сфæлдыстадон æнтыстытæ æмæ размæцыд.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Алан Мæргъиты

 

---