Бурхан Хоситы раарфæ кодта Æлборты Аланæн парламенты сæрдарæй æвзæрст кæй ʿрцыд уый тыххæй

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын Минæвар Турчы Республикæйы Бурхан Хоситы раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сæрдар Æлборты Аланæн Парламенты сæрдарæй æвзæрст кæй рцыд, уый тыххæй.

«Цытджын Æлборты Алан Юрийы фырт!

Айс мæ зæрдиаг арфæтæ Хуссар Ирыстоны парламенты сæрдарæй æвзæрст кæй æрцыдтæ уый тыххæй.

Фидарæй мæ уырны парламенты куыстытæ дæ къухдариуæджы бын хуыздæр кæй уыдзæн уый.

Уырны мæ Хуссар Ирыстоны Парламент ирон адæмæн бирæ хорз æмæ ахджиаг уынаффæтæ кæй райсдзæн уый дæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын Минæварæй уæвгæйæ Турчы Республикæйы зæрдæйæ баст дæн Хуссар Ирыстонимæ. Кæддæриддæр зæрдæйæ стæм уемæ. Кæрæдзийæн ныфсæнцæйттæ куыд уæм уыцы амонд нæ уæд.

Мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад æмæ парламенты куысты бирæ æнтыстытæ.

Ирон адæмæн æмæ Ирыстонæн бирæ азты дæргъы лæггад куыд кæнай уыцы амонд дæ уæд. Дæ бинонтимæ дæ уарзон адæмимæ зæрдæрухсæй бирæ цæр.

Зæрдиаг саламттæ.

Стыр цытимæ», - дзырдæуы арфæйы фыстæджы.