Гæбæраты Юри:Ирыстоны хуссар хай æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл цы ног Бадзырд фыст æрцыд, уый нын дæдты абон æмæ сомбоны ныфс

Гæбæраты Юри,

РХИ Парламенты Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон-информацион фæрæзты фæдыл комитеты сæрдар:

- Уæлион царды хæрзиуджытæ бирæ сты, фæлæ бирæйæ бирæгъ дæр не ‘фсæды. Мах та адæм стæм æмæ иугæр царды кой кæнæм, уæд дунейы хæрзтæн сæ сæйрагдæр хъуамæ уа адæймаджы цард. Ныртæккæ дзырд кæуыл цæуы, уыцы Бадзырды проектыл карз быцæутæ куы цыд, уæд чидæртæ сæйраг бынаты æвæрын райдыдтой хæдбардзинад, суверенитет æмæ афтæ дарддæр. Уыдон хорз сты, адæмы, нацийы хъысмæты сæйраг уыдон сты, фæлæ  цæмæй мах цæрæм, цæмæй уæвынад кæнæм,  цæмæй адæм уæм, уый тыххæй нын æрмæстдæр иунæг фæрæз ис – нæ рагфыдæлтæ нын кæй равзæрстой, уыцы иунæг фæндагыл цæуын, стыр æмæ хъомысджын Уæрæсеимæ æмцæдис, æмвæнд уæвын. Стæй афтæ чи дзырдта æмæ дзуры, нæ бартæ иууылдæр Уæрæсемæ куы радтæм, уæд нæ хæдбардзинад сафæм, зæгъгæ, уыдон хъуамæ сæ зæрдыл дарой иу хуымæтæджы хабар: нæ цард дæр, нæ хæдбардзинад дæр махæн сты Уæрæсейæн йæхи фæрцы. Махæн абон цыдæриддæр цæрынæн, уæвынæн ис, уыдон нын Уæрæсе йæхæдæг дæдты. Уæдæ ма цы сафæм?..

Ирыстоны хуссар хай æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл цы ног Бадзырд фыст æрцыд, уый нын дæдты абон æмæ сомбоны ныфс. Æрмæст æдасдзинады нæ, фæлæ социалон рæзт æмæ размæцыды къабазы дæр махæн нæ иунæг гарант Уæрæсе у. Бадзырды фыццаг проект куыд уыд, афтæмæй куы баззадаид, уæд та нын ноджы фылдæр ныфс радтаид.

Дуг ивы, ивынц адæмтæ æмæ сæ ахаст. Михаил Саакашвили æргомæй æрсидт цыппормилуанон украинаг адæммæ, цæмæй суой Америкæйы Иугонд Штаттæ Уæрæсейæн кæй расидтысты, уыцы хæсты амæттæгтæ. Æмæ йын уыцы цыппормилуанон адæмæй иу лæг афтæ нæ загъта: «Ды чи дæ, цæмæй нæм, куыд адæм, афтæ фесæфынмæ æрсидын дæ ныфс бахæссай?!.» Ничи йын загъта, уымæн æмæ дуне сæмтъеры, сзыгъуыммæ, адæм кæрæдзийы хъæр нал æмбарынц. Ахæм æмтъеры æмæ ронбæгъд дуджы махæн цы æмæ куыд кæнгæ у? Æрмæстдæр Уæрæсейыл нæ хъысмæт бафтауын. Æмæ уый - хорз у æви æвзæр – дзырдтаг ма хъуамæ уа. Уымæн æмæ нын арвæй зæххы ‘хсæн æндæр фадат, æндæр фæрæз нæй.